Гуырдзыстоны масштабæй расидтæуыд карантины режим. Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа хицауады администрацийы, брифингыл райхъусын кодта.
Карантины режим æрбайстæуыд, ног коронавирусы апарахат маруазынæн мадзæлтты фæлгæтты.
«Рахастам скуыддзаг, уæлрадон уавæры фæлгæтты мадзæлттæ нысаниуæгджынæй фæкарз кæныны фæдыл. Ныр хъусын кæнæм фактонæй æппæтадæмон карантины режим, кæцы сом сæумæрайсомы 08:00 сахатæй райдайдзæн», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Афтæма, «Ковид 19»-мæ гæсгæ, бæстæйы 21 мартæй уæлрадон уавæр архайы. 23 марты та, Марнеул æмæ Болнисы сфидар кодтой карантин.