Гуырдзыстоны, коронавирусæй инфицирады ног цаутæй 1637 рабæрæг ис Тбилисы, 823 - Имереты, 489  та – Ачъарайы
Гуырдзыстоны, коронавирусæй инфицирады ног цаутæй 1637 рабæрæг ис Тбилисы, 823 - Имереты, 489 та – Ачъарайы

Æхсæнуагдонон   координацион советимæ  архайæг  оперативон штабы  хистæры хæдивæг, Бердиа Сичъинава,  хицауады  администрацийы   брифингы рæстæджы   куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæйæ  фæстаг  24  сахаты  дæргъы  Гуырдзыстоны   рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады  4 734 ног  цау, уыдонæй  1637 сфиксир сты Тбиллисы, 489 – Ачъарайы, 823 та – Имереты.

Абон  цы  инфицирады 4 734  ног  цау  рабæрæг ис, уыдонæй  сæйраг горæты æмæ  регионты бæрæггæнæнтæ  ахæм сты:  Тбилис – 1 637, Ачъара – 489, Имерет – 823, Квемо Картли – 372, Шида Картли – 381, Гуриа – 93 , Самегрело-Уæллаг Сванет – 377, Кахет – 328, Мцхета-Мтианет – 143, Самцхе-Джавахет – 73,  Рачъа-Лечхум  æмæ  Дæллаг Сванет – 18.