Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 910 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 8 081 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 910 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 8 081 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 32 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 6 685 адæймагæн, сæ нымæцы – 4 449 антигены тестæй æмæ 2 236 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 13,61%,, фæстаг 14 боны – 20,44%, фæстаг 7 боны – 17,28%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 626 282 цау, уыдонæй 1 562 614 сæнæниз сты, 16 398 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 826 144 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 92.
Знон, 6 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 700 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 7 002 пациент, 28 адæймаг та амард.