Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 823 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 445 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 823 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 1 445 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 24 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 7 729 адæймагæн, сæ нымæцы 5 364 антигены тестæй æмæ 2 365 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 10,65%,, фæстаг 14 боны – 15,64%, фæстаг 7 боны – 12,69%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 635 509 цау, уыдонæй 1 585 885 сæнæниз сты, 16 554 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 832 994 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 603.
Знон, 12марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 243 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 3 064 пациент, 25 адæймаг та амард.