Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 698 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 036 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 698 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 036 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  698 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 1 036   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 10 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  22 903    адæймагæн, сæ  нымæцы – 20 175 антигены тестæй  æмæ   2 728  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 3,05%,, фæстаг 14 боны –  3,92%,  фæстаг  7 боны  – 3,12%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 647 243    цау, уыдонæй  1 622 432  сæнæниз сты, 16 730 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 855 078     адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 672.

Знон, 28 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  229 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  2 993   пациент, 12 адæймаг та  амард.