Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 698 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 036 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 698 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 1 036 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 10 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 22 903 адæймагæн, сæ нымæцы – 20 175 антигены тестæй æмæ 2 728 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 3,05%,, фæстаг 14 боны – 3,92%, фæстаг 7 боны – 3,12%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 647 243 цау, уыдонæй 1 622 432 сæнæниз сты, 16 730 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 855 078 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 672.
Знон, 28 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 229 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 2 993 пациент, 12 адæймаг та амард.