Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 62 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 104 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 62 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 104 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын иу пациент дæр нæ амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 4 576 адæймагæн, сæ нымæцы – 3 245 антигены тестæй æмæ 1 331 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1,35%,, фæстаг 14 боны – 1,05%, фæстаг 7 боны – 1,05%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 654 375 цау, уыдонæй 1 636 108 сæнæниз сты, 16 800 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 877 175 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 16.
Знон, 25 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 58 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 213, коронавирусæй рынчын иу пациент дæр нæ амард.