Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 578 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 389 пациент

10:58, 05.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  578 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 389 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  3 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  24 540   адæймагæн, сæ  нымæцы – 22 012 антигены тестæй  æмæ   2 528  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 2,36%,, фæстаг 14 боны –  2,61%,  фæстаг  7 боны  – 2,11%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 650 008    цау, уыдонæй  1 629 032    сæнæниз сты, 16 761    та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 862 482 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 211.

Знон, 4  апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  208 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  685 пациент, 2 адæймаг та  амард.

Хуыздæр