Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 578 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 389 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 578 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 389 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 3 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 24 540 адæймагæн, сæ нымæцы – 22 012 антигены тестæй æмæ 2 528 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2,36%,, фæстаг 14 боны – 2,61%, фæстаг 7 боны – 2,11%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 650 008 цау, уыдонæй 1 629 032 сæнæниз сты, 16 761 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 862 482 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 211.
Знон, 4 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 208 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 685 пациент, 2 адæймаг та амард.