Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 553 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 021  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 553 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 021 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  553 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 1 021    пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 9 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  24 461     адæймагæн, сæ  нымæцы – 22 232 антигены тестæй  æмæ   2 229 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 2,26%,, фæстаг 14 боны –  3,65%,  фæстаг  7 боны  – 2,89%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 647 796  цау, уыдонæй  1 623 453   сæнæниз сты, 16 739  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 857 215      адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 950.

Знон, 29 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  698 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  1 036 пациент, 10адæймаг та  амард.