Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 475 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 507 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 475 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 1 507 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 20 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 8 311 адæймагæн, сæ нымæцы – 6 203 антигены тестæй æмæ 2 108 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 5,72%,, фæстаг 14 боны – 8,47%, фæстаг 7 боны – 5,54%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 641 874 цау, уыдонæй 1 598 286 сæнæниз сты, 16 663 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 842 355 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 656.
Знон, 19 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 849 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 1 855 пациент, 13 адæймаг та амард.