Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 466 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 944 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 466 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 2 944 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 15 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 5 234 адæймагæн, сæ нымæцы – 3 410антигены тестæй æмæ 1 824 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 8,9%,, фæстаг 14 боны – 15,34%, фæстаг 7 боны – 12,36%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 635 975 цау, уыдонæй 1 588 829 сæнæниз сты, 16 569 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 833 144 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 124.
Знон, 13 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 823 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 1 445 пациент, 24 адæймаг та амард.