Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 775 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 19 242 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 4 775 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 19 242 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 32 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 18 351 адæймагæн, сæ нымæцы – 11 329 антигены тестæй æмæ 7 022 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 26,02%, фæстаг 14 боны – 31,28%, фæстаг 7 боны – 29,97%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 553 668 цау, уыдонæй 1 407 776 сæнæниз сты, 15 888 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 797 346 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 342.
Карантины режимы сты 12 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 585, клиникон фысымуаты ис 896 уæнгы.
Знон, 20 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 9 400 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 18 770 пациент, 34 адæймаг та амард.