Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 392 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 131 пациент

10:59, 12.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  392 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 131 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  2 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  23 138   адæймагæн, сæ  нымæцы – 20 804  антигены тестæй  æмæ   2 334  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,69%,, фæстаг 14 боны –  1,82%,  фæстаг  7 боны  – 1,53%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 651 969  цау, уыдонæй  1 631 846 сæнæниз сты, 16 779  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 867 451  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 304.

Знон, 11  апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  107  ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  281 пациент, 6адæймаг та  амард.

Хуыздæр