Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 376 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 234 пациент

10:59, 06.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  376 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 234 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  4 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  24 153    адæймагæн, сæ  нымæцы – 22 059 антигены тестæй  æмæ   2 094  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,56%,, фæстаг 14 боны –  2,43%,  фæстаг  7 боны  – 1,98%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 650 384    цау, уыдонæй  1 629 266  сæнæниз сты, 16 765  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 862 701  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 209.

Знон, 5  апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  578 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  389 пациент, 3 адæймаг та  амард.

Хуыздæр