Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 376 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 234 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 376 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 234 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 4 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 24 153 адæймагæн, сæ нымæцы – 22 059 антигены тестæй æмæ 2 094 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1,56%,, фæстаг 14 боны – 2,43%, фæстаг 7 боны – 1,98%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 650 384 цау, уыдонæй 1 629 266 сæнæниз сты, 16 765 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 862 701 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 209.
Знон, 5 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 578 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 389 пациент, 3 адæймаг та амард.