Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 3 842 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 777 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 842 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 777 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 31 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 34 000 адæймагæн, сæ нымæцы – 21 147 антигены тестæй æмæ 12 853 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 11,3%, фæстаг 14 боны – 7,45%, фæстаг 7 боны – 9,17%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 959 874 цау, уыдонæй 912 443 сæнæниз сты, 14 187 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 551 413 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 5 001.
Карантины режимы сты 51 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 418, клиникон фысымуаты ис 1 493 уæнгы.
Знон, 8 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 622 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 1 126 пациент, 28 адæймаг та амард.