Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 266 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 348 пациент

10:59, 13.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  266 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 348 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  2 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  24 862  адæймагæн, сæ  нымæцы – 22 933  антигены тестæй  æмæ   1 929  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,07%,, фæстаг 14 боны –  1,71%,  фæстаг  7 боны  – 1,43%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 652 235  цау, уыдонæй  1 632 194  сæнæниз сты, 16 781 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 868 689   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 063.

Знон, 12 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  392 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  131 пациент, 2  адæймаг та  амард.

Хуыздæр