Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 24 616 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 18 221 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 24 616 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 18 221 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 54 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 73 251 адæймагæн, сæ нымæцы – 53 616 антигены тестæй æмæ 19 635 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 33,61%, фæстаг 14 боны – 28,31%, фæстаг 7 боны – 31,86%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 350 454 цау, уыдонæй 1 124 442 сæнæниз сты, 15 300 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 755 879 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4 023.
Карантины режимы сты 43 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 082, клиникон фысымуаты ис 1 897 уæнгы.
Знон, 7 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 11 235 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 17 130 пациент, 34 адæймаг та амард.