Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 232 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 117 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 342 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 117 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ничи амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 20 385 адæймагæн, сæ нымæцы – 18 652 антигены тестæй æмæ 1 733 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1,14 %,, фæстаг 14 боны – 1,32 %, фæстаг 7 боны – 1,2 %.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 653 692 цау, уыдонæй 1 634 591 сæнæниз сты, 16 794 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 874 821 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 751.
Знон, 19 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 342 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 161, иу адæймаг та амард.