Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 229 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 993  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 229 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 993 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  229 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 993  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 12 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  5 460   адæймагæн, сæ  нымæцы – 3 749 антигены тестæй  æмæ   1 711 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 4,19%,, фæстаг 14 боны –  4,39%,  фæстаг  7 боны  – 3,43 %.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 646 545   цау, уыдонæй  1 621 396 сæнæниз сты, 16 720  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 853 264    адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 201.

Знон, 26  марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  357  ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  3 237  пациент, 4 адæймаг та  амард.