Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 217 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 592 пациент

10:57, 03.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  217 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 592   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  5 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  13 061   адæймагæн, сæ  нымæцы – 9 714 антигены тестæй  æмæ   3 347  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,66%,, фæстаг 14 боны –  2,88%,  фæстаг  7 боны  – 2,24%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 649 222   цау, уыдонæй  1 627 958  сæнæниз сты, 16 756   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  286 817   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 61.

Знон, 2 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  352 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  1 070 пациент, 3 адæймаг та  амард.

Хуыздæр