Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 217 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 592 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 217 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 592 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 5 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 13 061 адæймагæн, сæ нымæцы – 9 714 антигены тестæй æмæ 3 347 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1,66%,, фæстаг 14 боны – 2,88%, фæстаг 7 боны – 2,24%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 649 222 цау, уыдонæй 1 627 958 сæнæниз сты, 16 756 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 286 817 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 61.
Знон, 2 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 352 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 1 070 пациент, 3 адæймаг та амард.