Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 208 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 685 пациент

11:11, 04.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  217 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 685 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  2 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  5 184    адæймагæн, сæ  нымæцы – 3 587 антигены тестæй  æмæ   1 597  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 4,01%,, фæстаг 14 боны –  2,82%,  фæстаг  7 боны  – 2,23%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 649 430    цау, уыдонæй  1 628 643   сæнæниз сты, 16 758    та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 861 953 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 9.

Знон, 3  апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  217 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  592 пациент, 5 адæймаг та  амард.

Хуыздæр