Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 514 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 711 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 514 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 2 711 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 61 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 46 059 адæймагæн, сæ нымæцы – 26 700 антигены тестæй æмæ 19 359 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 5,46%, фæстаг 14 боны – 5,65%, фæстаг 7 боны – 5,09%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 930 544 цау, уыдонæй 890 733 сæнæниз сты, 13 707 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 495 435 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 11 720.
Карантины режимы сты 42 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 794, клиникон фысымуаты ис 858 уæнгы.
Знон, 28 декабры, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 676 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 2 966 пациент, 63 адæймаг та амард.