Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 17 530 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 5 087 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 17 530 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 5 087 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 39 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 78 172 адæймагæн, сæ нымæцы – 46 900 антигены тестæй æмæ 31 272 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 22,42%, фæстаг 14 боны – 15,32%, фæстаг 7 боны – 19,58%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 092 684 цау, уыдонæй 977 832 сæнæниз сты, 14 813 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 676 520 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 7 661.
Карантины режимы сты 32 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 651, клиникон фысымуаты ис 2 023 уæнгы.
Знон, 25 январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 15 762 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 5 160 пациент, 42 адæймаг та амард.