Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 15 712 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 21 623 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 15 712 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 21 623 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 40 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 46 425 адæймагæн, сæ нымæцы – 26 163 антигены тестæй æмæ 20 262 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 33,84%, фæстаг 14 боны – 31,66%, фæстаг 7 боны – 32,85%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 454 065 цау, уыдонæй 1 248 242 сæнæниз сты, 15 556 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 774 755 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 089.
Карантины режимы сты 21 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 036, клиникон фысымуаты ис 1 581 уæнгы.
Знон, 12 февралы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 20 326 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 48 468 пациент, 57 адæймаг та амард.