Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 148 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 425 пациент

10:57, 10.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  148 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 425 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  1 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  8 854  адæймагæн, сæ  нымæцы – 6 991  антигены тестæй  æмæ   1 863  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,67%,, фæстаг 14 боны –  1,99%,  фæстаг  7 боны  – 1,73%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 651 470  цау, уыдонæй  1 631 434   сæнæниз сты, 16 771  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 865 773   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 343.

Знон, 9  апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  341 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  445 пациент, 4 адæймаг та  амард.

Хуыздæр