Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 115 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 272 пациент

10:56, 17.04.2022

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  115 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 272 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы  3 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  8 018   адæймагæн, сæ  нымæцы – 6 289  антигены тестæй  æмæ   1 729  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 1,43%,, фæстаг 14 боны –  1,49%,  фæстаг  7 боны  – 1,23%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады  1 653 044  цау, уыдонæй  1 633 956  сæнæниз сты, 16 792 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 872 771    адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 424.

Знон, 16 апрелы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  222 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  346 пациент, 1  адæймаг та  амард.

Хуыздæр