Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 716 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 551 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 716 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 1 551 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 16 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 19 857 адæймагæн, сæ нымæцы – 17 226 антигены тестæй æмæ 2 631 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 8,64%,, фæстаг 14 боны – 13,98%, фæстаг 7 боны – 10,7%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 637 691 цау, уыдонæй 1 590 380 сæнæниз сты, 16 585 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 834 936 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 613.
Знон, 14 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 466 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 2 944 пациент, 15 адæймаг та амард.