Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 053  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 067  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 053 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 067 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  1 053 ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 067   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 7 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  21 614   адæймагæн, сæ  нымæцы – 19 284 антигены тестæй  æмæ   2 330  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 4,87%,, фæстаг 14 боны –  7,19%,  фæстаг  7 боны  – 4,78%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 643 295  цау, уыдонæй  1 601 578  сæнæниз сты, 16 678  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 844 372  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 661.

Знон, 21   марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  368 ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  1 225   пациент, 8  адæймаг та  амард.