Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 053 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 067 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 053 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 2 067 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 7 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 21 614 адæймагæн, сæ нымæцы – 19 284 антигены тестæй æмæ 2 330 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 4,87%,, фæстаг 14 боны – 7,19%, фæстаг 7 боны – 4,78%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 1 643 295 цау, уыдонæй 1 601 578 сæнæниз сты, 16 678 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 844 372 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 661.
Знон, 21 марты, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 368 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 1 225 пациент, 8 адæймаг та амард.