Гуырдзыстоны коммуникациты комисси Илон Маскы «Starlink»-æн авторизаци ратта
Илон Маскы бындурæвæрд компани «SpaceX»-ы «Starlink» коммункациты комиссийы сателлитон интернет сервистæ бадæттыны нысанæй, абон авторизаци ацыд. Информацийы Гуырдзыстоны коммуникациты комисси хъусын кæны.
«Starlink Georgia» Гуырдзыстоны практикон куыст райдаынмæ цæттæ кæны. Авторизацийы уавæртæм æмбæлгæйæ, «SpaceX» Гуырдзытсоны «Starlink»-ы спутникон системæтæй бæрзонд тагъдадджын фæтæнтагджын интернет лæггадæй сифтонг кæндзæн.
Starlink Дунейы иуæй иу акæнæг сателитон фæтæнтагджын интернет системæ у, кæцы ифтонг кæны бæрзондтагъдадджын , ныллæг æнхъæлмæкасты фæтæнтагджын интернет æнæхъæн дунейы, уый нымæцы ахæм рæтты, цы ран интернет-бастдзинад ныллæг æууæнкджын, ныллæг гъæдджын кæнæ бынтон рæувадат нæу. «SpaceX» абоны бонмæ 2700-æй фылдæр «Starlink»-ы ныллæгорбиталон сателлитæй архайы. «Starlink» сæрмагондæй нысаниуæгджын æмæ цымидисон у уæлхох регионты, афтæма фæтæнтагджын интернет кæмыты нæй ахæм цæрæн рæттæн. «Starlink»-ы æрфидары фæстæ, алы ахæм географион ареалы бæрзондтагъдадджын интернет рæувадат уыдзæн кæй хъæудзæн алкæмæн», – дзырдæуы информацийы.