Гуырдзыстоны хурыскæсæны иуæй-иу районты 14 январы æнхъæлмæкæсинаг у митуард
Хурыскæсæн Гуырдзыстоны 14 январы фылдæр асæст бон уыдзæн æнхъæлмæкæсинаг, иуæй-иу ран уыдзæн мигъ æмæ митуард дæр – уый фæдыл Фыццаг Каналæн æрдзы националон агентады гидрометеорологион прогнозты куысты хистæр Светлана Ниорадзе фехъусын кодта.
Цыдæриддæр та Гуырдзыстоны хурныгуылæны районтæм æххæссы, синоптикты прогнозæй иуæй-иу рæтты уыдзæн къæвда, хохз æмæ уæлхох рæтты та митуардмæ æнхъæлмæ кæсынц.
«Уæллаг имерет æмæ Колхеты быдыры сом хъуамæ фæтыхджындæр уа скæсæны æрдæм дымгæ. Кæд уæлдæфы температурæ абон 4 градусы онг, сом схъарм уыдзæн 6-11 градусы онг» – загъта Светлана Ниорадзе.
Гидрометеорологион прогнозты куысты хистæр куыд банысан кодта афтæмæй, Тбилисы 14 январы æнхъæлмæкæсинаг у донджын мит.
«Фæдылдзог бонты æнзхъæлмæ кæсæм боныгъæды абаргæйæ фæхузыдæрмæ, фæлæ 15-16 январы, Гуырдызстоны масштабæй, афонæй-афонмæ уардзæн» – хъусын кæны Ниорадзе.