Гуырдзыстоны хицауады æскъуыддзагæй, Хвича Кварацхелия Уæлахизы Сыгъдæг Георгийы орденмæ раразмæгонд у
Гуырдзыстоны хицауады æскъуыддзагæй, Хвича Кварацхелия Уæлахизы Сыгъдæг Георгийы орденмæ раразмæгонд у

Гуырдзыстоны хицауады æскъуыддзагæй, Хвича Кварацхелия Сыгъдæг Георгийы Уæлахизы орденмæ раразмæгонд у.

Уый фæдыл хицауады абоны рабадтыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе расидтис.

«Фæнды мæ раарфæ кæнон Хвича Кварацхелийæн Чемпионты лигæйы рамбулыны тыххæй.Уый у футболы алкæмæй бæрзонддæр бæрзæнд.Кæй зæгъын æй хъæуы, махæй алкæмæн дæр ацы уæлахиз, кæцы Хвича Кварацхелиа рамбылдта, у сæрмагонд сæрыстырдзинады хъуыддаг.Уый у уæлахиз нæ бæстæйæн æмтгæй райсгæйæ,афтæ йæ уæлахиз æнкъардта алы аивадуарзæгæн дæр, стæй ма йын хъуамæ арфæ кæнæм йæ уæлахизы тыххæй, кæцы æрхаста нæ бæстæйæн, æз уырны, цæмæй уый у æрмæстдæр райдиан уыцы бæрзонддæр цъуппытæн, кæцыты уый ноджы бирæ хатт бацахсдзæн мæ зæрдæ йын зæгъы стыр æнтыстытæ фидæны.

Ис нын ахæм традици, нæ спортсментæ бæрзонд цъуппытæ куы фæуæлахиз вæййынц, уæд сын лæвар кæнæм иууыл бæрзонддæр паддзахадон хæрзиуджытæ. Мæнмæ гæсгæ, Чемпионты Лигæйы рамбулын у растдæр уыцы æнтыст, кæцы ахæм нымадæн аккаг у. Ивгъуыд аз иугонд командæйы æнтыстыты тыххæй райста Кады орден, Чемпионты лигæйы рамбулыны тыххæй та йын мæ фæнды балæвар кæнын Сыгъдæг Георгийы Уæлахизы орден.