Гуырдзыстоны хицауады  администрацийы  уагъд цæуы Ангела Меркелимæ  фембæлд
Гуырдзыстоны хицауады администрацийы уагъд цæуы Ангела Меркелимæ фембæлд

Хицауады  администрацийы уагъд цæуы   Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзейы æмæ  Германийы  канцлер Ангела Меркелы  фембæлд.  Мадзал  цæуы  комкоммæ форматы, уый фæстæ  та  ауæрæхгонд  скондæй  адарддæр уыдзæн.

Ауæрæхгонд  сконды  Германийы Федерацион канцлеримæ иумæ  фембæлды хайад исынц: паддзахадон нымæрдар,   спикер  Штефен Зайберт;  Гуырдзыстоны Германийы   минæвар  Хайке Файч ;  фæсарæн æмæ æдасдзинады   фарстаты   канцлеры  уынаффæгæнæг   Ян  Хеккер; экономикон  æмæ  финансон  политикæйы  фарстаты   канцлеры  уынаффæгæнæг  Ларс  Хендрик  Роэллер; Европаг  политикæйы  фарстаты   канцлеры  уынаффæгæнæг  Увэ Корсепиус; канцелярийы  Хуссар Кавказы  хайады   истæр  Матиас  Люттенберг.

Гуырдзиаг фарсæй  та,   премьер-министр  Мамука  Бахтадзеимæ  иумæ,  ауæрæхгонд  фембæлды  хайад райсдзысты  вице-премьер,  мидхъуыддæгты  министр Гиорги Гахариа,  фæсарæн хъуыддæгты  министр  Давит Залкалиани,  ахуырады  министр  Михеил  Батъиашвили, финансты  министр  Иванэ Мачъавариани, Германийы  Гуырдзыстоны минæвар  Элгуджа Хокришвили, хицауады  администрацийы  хистæр  Къаха Къахишвили, экономикæ æмæ æнæцудгæ тынгады  министры  хæдивæг   Гиорги Черкезишвили,  премьер-министры  аппараты  хистæр  Гиорги Чъоладзе,  премьер-министры  аппараты  æддаг ахастыты  координацийы  куысты къухдариуæггæнæг  Вахтанг  Катамадзе.

Фембæлды фæуды фæстæ Ангела Меркел  æмæ  Мамука Батхтазде  иумæйга  пресс-конференций  сараздзысты.

Афтæдæр абон  Германийы  канцлер  фембæлдзæн Гуырдзыстоны президент   Гиорги Маргвелашвилиимæ.

Премьер-министр  Мамука Бахтадзейы æмæ  Ангела Меркелы  фембæлды  размæ,  хицауады администрацийы  Германийы  канцлерæн размæ рацыды  официалон церемони сырæзт.

Ангела Меркель Гуырдзыстонмæ  дыууæбонон  официалон визитæй  абон фæуазæг ис.