Гуырдзыстоны хицауады администрацийы сырæзт Литвæйы премьер-министрæн размæ рацыды официалон церемони
Гуырдзыстоны хицауады администрацийы сырæзт Литвæйы премьер-министрæн размæ рацыды официалон церемони. Саулиус Сквернелисы делегациимæ иумæ администрацийы райста Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили.
Церемонийыл дыууæдæр бæстæйы гимн айзæлд. Гиорги Квирикашвили Саулиус Сквернелисимæ йæхиимæ фембæлдзæн, цæй фæстæдæр бадзырдтæ адарддæр уыдзысты ауæрæхгонд форматы. Фембæлды фæстæ, премьер-министртæ медийæн сараздзысты фидиуæнтæ. Официалон визиты фæлгæтты плангонд у Литвæйы премьеры фембæлдтæ Гуырдызстоны президент æмæ парламенты сæрдаримæ.
30 январы Литвæйы премьер-министр оккупацион хаххы арæнгæрон хъæу Одзисмæ абалц кæндзæн, афтæдæр ныццæудзæн – рæстæгмæ тыхбынбынативгæ уæнгты цæрæн пунктмæ Фрезетмæ.
Официалон визиты фæлгæтты, Литвæйы премьер-минристр дыдынгуытæ сæвæрдзæн Гуырдзыстоны иудзинадæн мард æхсарджынты мемориалыл.
Саулиус Сквернелисы визиты программæ культурон хаймæ дæр æххæссы. Литвæйы премьер Гуырдзыстонмæ фæуазæджы периоды йæ цæст ахæсдзæн зæронд Тбилисы æмæ Мцхетайы фендæгтыл.
Литвæйы премьер-министры визит Гуырдзыстонмæ 30 январы фæуыдзæн.