Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр райсдзæн хайад НАТО-ы  хъахъхъæнынады министериалы
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министр райсдзæн хайад НАТО-ы хъахъхъæнынады министериалы

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр Джуаншер Бурчъуладзе  НАТО-ы хъахъхъæнынады министериалы райсдзæн  хайад.

Джуаншер Бурчъуладзе  украинаг, финнаг æмæ  шведаг  коллегæтимæ иумæ,  афтæма  æдагон политикæйы æмæ æдасдзинады  фарстатæ Евроцæдисы  бæрзонддæр  минæваримæ, Жозеп Борелимæ  иумæ хуынд  у  цæгат-атлантикон  саоветы  сæрмагонд рабадтмæ, кæцы хъахъхъæнынады министрты æмвæзадыл  уæлрадонæй  снысан ис.

Рабадт Брюсселы, НАТО-ы  штаб-хæдзары, 16 марты  ацæудзæн. Информацийы  альянсы   пресс-куыст   хъусын кæны.

НАТО-ы  генералон нымæрдар рабадты  размæ  АИШ-ы хъахъхъæнынады  нымæрдар Ллойд Остинимæ иумæ,  медийæн  сараздзысты   иумæйаг фидиуæн, стæй та,  цæгат-атлантикон  совет, фембæлдзæни  Гуырдзыстоны, Украинайы, Финляндийы æмæ Швецийы  хъахъхъæнынады  министртимæ, Жозеп Борелимæ иумæ.