Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон Баку-Тбилисы æфсæнвæндагы хаххыл бæлццæтты фыццаг рейс сæххæст ис
Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон Баку-Тбилисы æфсæнвæндагы хаххыл бæлццæтты фыццаг рейс сæххæст ис

Æхсæз азы æрлæууыны фæстæ, Баку-Тбилисы æфсæнвæндаджы хаххыл фыццаг бæлццонон рейс Гуырдзыстоны хæдбардзинады бон сыххæст ис. Рейсыл Тбилисы централон вокзалы сæмбæлдысты экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министры хæдивæг Тамар Иоселиани æмæ Гуырдзыстоны æфсæнвæндæгты генералон директор Лаша Абашидзе. Уый тыххæй фехъусын кодтой экономикæйы министрадæй.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, фыццаг бæлццæтты æхсæн уыд Азербайджаны нымæцон рæзынады æмæ транспорты министры хæдивæг Джавид Гурбанов.

Тамар Иоселианийы ныхасмæ гæсгæ, дыууæ бæстæйы æхсæн бæлццонон æфсæнвæндагон змæлды сног кæныны фæдыл æскъуыддзаг Гуырдзыстоны премьер-министры Бакуйы визиты фæлгæтты ист æрцыд.

«Абон нæ бæстæйæн у иттæг нысаниуæгджын бæрæгбон.Сæрибардзинад стыр æнтыст у æмæ махæй алкæйы хæс дæр у йæ бахъахъхъæнын.Уымæ гæсгæ, абон махæн ис æцæг историон бон, 6 азы æрлæууæны фæстæ фыццаг хатт сырæзт рейс Баку-Тбилис.26-æм майæ райдайдзæн рейстæ æрвылбон, кæцы ифтонг кæндзæн нæ цæрджыты, азбайджанæгты æмæ уазджыты туристтæн æнцонвадат балцæй.Уый у иттæг нысаниуæгджын уынаффæ, кæцы ахъаз уыдзæн куыд бæстæйы экономикон рæзтæн, афтæ дæр туризмы стимулирдзинадæн, афтæ дæр адæмы æхсæн бастдзинæдтæ фæтыхджындæр кæнынæн», — банысан кодта министры хæдивæг.

Ног снысангонд маршрутыл тахтытæ цæудзысты æрвылбон дæр.