Гуырдзыстоны хæдбардзинадæн тохгæнджыты æмæ оккупацийы амæттаг æмбæстæгты номарынæн Тбилисы сæ номыл паркъ байгом уыдзæн
Гуырдзыстоны хæдбардзинадæн тохгæнджыты æмæ оккупацийы амæттаг æмбæстæгты номарынæн Тбилисы сæ номыл паркъ хъуамæ рацаразæм – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл ныффыста.
«Мах алчи хъынцъым кæнæм Арчил Татунашвилийы æмæ йæ бинонтимæ иумæ хæссæм ацы рыст. Ныфс мæ ис цæмæй уый уыдзæн, оккупацион режимы æппынфæстаг амæттаг.
Мах æмбæлонæй хъуамæ скад кæнæм æнæ æрмæст Арчилæн, фæлæ ма Гуырдзыстоны хæдбардзинадæн тохгæнджытæн æмæ оккупацийы амæттаг сабырадон цæрджытæн дæр.
Фæнды мæ, радзурон уын мæ фæндон, кæцыимæ вæццæгæн алчи сразы уыдзыстут – сæ ном ссарынæн Тбилисы хъуамæ саразæм сæ номыл паркъ, цы ран æвæрд æрцæудзæн мемориал дæр.
Мах абон райдайдзыстæм æмбæлгæ бынат агурын, мемориалы проектыл та райъусын кæндзыстæм конкурс.
Гуырдзыстон у хъайтарты бæстæ» – фыссы Каха Каладзе.