Сæрибары фæзыл Гуырдзыстоны хæдьарады бонмæ нывонд бæрæгбойнон мадзал ацыд.
Мадзалыл бавдыст уыд Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты сконд. Мадзалы фæлгæтты, бæрæгбонон ардхæрды церемони ацыд сидтонтæн.
Мадзалыл Гуырдзыстоны гмин сыххæст кодта сабион капеллæ. Афтæма, ацы аз фыццаг хатт Евроцæдисы гимн сыххæст кодтой паддзахадон капеллæ, Гуры сылгоймæгты бал, Самебайы патриархон аргъуаны æмæ Тбилисы оперæйы театры балтæ.
Æрымбырдуæвджыты раз дзырдæй ралæууыыдысты Гуырдзыстоны преизеднт, премьер-министр, парламенты сæрдар, хъахъхъæнынады министр æмæ хъахъхъæнынады тыхты сæргълæууæг.
Хæдбарады бонмæ нывонд, æндæр æмæ æ ндæр министрадтæ, мадзæлттæ ауагътой регионты. Мидхъуыддæгты министрад æмбæстæгтæн сфысым кодта Мцхетайы. Бавдыст уыд патрулон пъæлицæйы департаменты, уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куысты, арæйнон пъæлицæйы æмæ сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты спецтехникæ, ифтонггæрзтæ æмæ арæйнон пъæлицæй хæрдмæтæхæг.