Гуырдзыстоны хъæды æмæ быдыры зынгсирвæзтытæ ликвидацигонд сты. Уый фæдыл информацийы хъусын кæны уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куыст.
Уагдоны хъусинагæй, мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куысты цалдæр бонон активон архæйдтыты фæстæ хъæды æмæ быдыры масштабон зынгсирвæзтытæ æнæхъæнæй ахуыссын кодтой.
«Ацы рæстæджы дæргъы зынгсирвæзтимæ тох кодтой 700-йæ фылдæр зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг, 100-ы онг зынгвæдисон-ирвæзынгæнæн техникæ, арæйнон пъæлицæйы хæрдмæтæхæг. 4 январæй абоны онг сфиксир ис 300-йæ фылдæр æндæр æмæ æндæр масштабы артдзæст. Алкæцы сæ ликвидацигонд сты.
Зынгвæдисон æдасдзинады протоколмæ гæсгæйæ, артдзæстытыл контролы æмæ мониторингы нысанæн баззайдзысты сыдгъдхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнджытæ. Сыгъд ахуыссын кодтой, Самегрелойы, Гуриайы, Ачъарайы, Имереты, Самцхе-Джавахеты æмæ Шида Картлийы» – дзырдæуы информацийы.
Мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куыст сиды æмбæстæгтæм, сæхи бауромой быдырты, хъæууон-хæдзарадон нысаниуæгы зæххы фадгуытыл арт ссудзынæй.