Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илиа Дыккагы Цыппурсон фыстæджы дзырдæуы, цæмæй Йесо Чырыстийы ацы дунемæ æрцыды рæстæг у сеппæтæй стырдæр ногдзинад, дунейы сфæлдыстадæй фæстæмæ цы диссæгтæ æрцыд æмæ фидæны æрцæудзæн, уыдонæй стырдæр ногдзинад, уымæн æмæ фидæны ницы ис абарæн Хуыцауы æнæбафæзмгæ райгуырдимæ.
«2025 азы Чырыстон дуне банысан кодта Никейы Фыццаг Æппæтдунеон Советы 1700 азы юбилей.Ацы совет ссис адæймагадæн стыр ивæн рæстæджы райдайæн.Уый сбæлвырд кодта чырыстон дунейы иугонд уырнындзинад, аргъуаны фæтк æмæ аргъуан æмæ паддзахады æхсæн ахастыты ног модель, кæцытæ фæстæдæр систы Скæсæн æмæ Ныгуылæны социалон архитектурæйы бындур.
Сæрыстырдзинады хъуыддаг у, ацы зынгæ цауæй раст иу азы фæстæ, 326 азы Гуырдзыстон чырыстон дин паддзахадон диныл банымадта. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ нæ бæстæ уыдис уыцы рæстæджы дунейы раззагдæр бæстæты нымæцы йæ æргъдзинæдтæй, рæстдзинады раст æнкъарæнтæй, æмæ паддзахадон бæрндзинадæй.
Абон, бирæнымæц культурон æмæ дунеæмбарынады æртхъирæнты раз куы лæууæм, уæд 325-326 азты период æмæ историон æмрæнхъдзинад ноджы иу хатт нæ зæрдыл лæууын кæнынц, цæмæй гуырдзиаг нацийы тыхы бындур у чырыстон аргъдзинæдты иудзинад” — дзырдæуы Цыппурсон фыстæгы.