Гуырдзыстоны æппæт территорийыл дæлдзырæттæ абон дæр уыдзæн. Бæстæйы иуæй-иу районы чысыл къæвда, иннæты та гæнæн ис тæркъæвда дæр уа.
Синоптиктæ скæсæн Гуырдзыстоны иуæй-иу районты сæрмагондæй та боны дыккаг æрдæджы, ихуард дæр нæ цух кæнынц. Ардзы националон агентады информацийæ, арвырттывд æмæ ихуарды рæстæджы гæнæн ис дымгæ дæр сыста.
Ныгуылæн Гуырдзыстоны абаргæйæ ныллæг температурæ лæудзæн. Максималон температурæ уыдзæн 17-æй 23 градусы онг. Скæсæн Гуырдзыстоны та уæлдæф 21-æй 26 градусы онг схъарм уыдзæн.
Сæйраг сахары боны дыккаг æрдæджы, Тбилисы цыбыр къæвда у æнхъæлмæскæсинаг. Уæлдæфы максималон температурæ уыдзæн 23-25 градусы.