Гуырдзыстоны энергетикæйы æмæ донæввонгы регулиргæнæг комиссийы уынаффæйæ, Гуырдзыстоны электроэнергийы тариф æртæ теттрийæ фæасламдæр ис
Гуырдзыстоны энергетикæйы æмæ донæввонгы регулиргæнæг комиссийы уынаффæйæ, Гуырдзыстоны электроэнергийы тариф æртæ тетрийæ фæасламдæр ис.
Иннæ æртæ азы дæргъы электроэнергийы тариф ГЭДНК сфидар кодта. Тариф фæасламдæр уыдзæн алы категорийы фæлхасгæнæгæн, афтæма коммерцион абоненттæн дæр.
Уымæ æмбæлгæйæ дæр, Тбилисы 0-101 киловат хынцгæйæ, цардуагон фæлхасады рæстæджы электроэнегрийы тариф уыдзæн 15 тетри; 101-æй 301 киловаты онг фæлхасадæн – 19 тетри; абоненттæн, кæцытæ 301 киловатæй фылдæр электроэнерги хардз кæнынц, тариф уыдзæн 23.5 тетрийы.
Æмбæлгæ æртæ тетрийы бæрц фæкъаддæр баххæссдзæн регионтæм дæр.
Электроэнергийыл фæкъаддæргонд тариф 2024 азы фыццаг январæй бахиздзæн йæ тыхмæ.