Гуырдзыстоны историйы фыццаг хатт, дунейы ставддæр æфсæддон равдыст EUROSATORY-ыл æфсæддон зондон-техникон центр «Дельта» равдыста Гуырдзыстоны конд æфсæддон продукци. Информацийы хæлиу кæны æфсæддон зондон-техникон центр «Дельта».
Афтæдæр сæ хъусинагæй, 11-15-æм июны Францы сæйраг сахар Паризы ацыд масштабон æхсæнадæмон æфсæддон равдыст «Евросатори 2018», кæцыйы хайад райста, иргъæвон кондады 1800-æй фылдæр компанийы дунейы 63 бæстæйæ. Равдыстыл уыд 227 официалон делегаци, æдæппæт 58 000-ы онг визитор.
«Гуырдзиаг æфсæддон продукци, равдыстмæ бацæуджыты æмæ официалон минæвæртты стыр хъусдард балвæста йæхимæ. «Дельтайы» генералон директоры Уча Дзодзуашвилиимæ ныффыстæуыд интервьютæ ахæм акæнæг æфсæддон-аналитикон агентадты æрдгæй, цахæм дæр у Army Recognition World Defense & Security News და Army Guide»- хъусын кæнынц «Дельтайы».
Афтæдæр сæ информацийæ, сæрмагонд интерес расидтис æнæхъæр минææхсæг GNM-60, модифициргонд згъæртранспортер «Дидгори» æмæ межицинон эвакуацион згъæрджын хæдтулгæ «Дидгори Медевак».