Гриппы вирусæй фæрынчыны æвдисæг фæстаг цалдæр боны дæргъы фæкаддæр ис, – уый фæдыл информацийы Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрад хæлиу кæны.
Уагдоны хъусинагæй, кæд ныры онг 100 0000 æмбæстагæй, H1N1 вирусæй рынчын уыдис 256, ныр ацы æвдисæг 253-æм æрхызтис. Минстрады афтæдæр дзурынц, цæмæй æнæаргъæвгæ медицинон æххуысмæ сидты цаутæ, фæкаддæр сты æппæт бæстæйы масштабæй, телефонон дзырдты та арвитынц уыцы амбулаторион центртæм, кæцытæ 24 сахатон режимæй лæккад кæнынц цæрджытæн.
Ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй, гриппы врусы пикъы бонтимæ абаргæйæ тагъд медицинон æххуысмæ сидты бæрæггæнæн регионты цаутæ регионты 600-ы онг, Тбилисы та 500- бæрæггæнæнæй фæкаддæр сты. Афтæдæр сæ информацийæ, фæкаддæры тенденци ис амбулаторион сидтыты æрдгæй дæр.
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрады хъусинагæй, бæстæйы æдæппæт 9000 æмбæстаг сты а.х. гриппы вирусæй рынчын. Уыдонæй 42-йы уавæр уæззау у. Фæнысангонд пациенттæн хос кæнынц реанимацион хайы.
Гриппы вирусимæ тохы нысанæй, æнæнизхъахъхъæды министрад дыууæ боны размæ препарат «Тамифлюйы» æнæфидгæйæ байуæрст райдыдта æмæ йæ райсын, фондз ставд афтекон хызагы, кæцы фæнды æмбæстагæн формæ 100-ы кæнæ дохтыры рецепты фæрцы у йæ бон. Æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, дыууæ боны дæргъы 700 къоппæй фылдæр «Тамифлю» байуæрстой.
Хосгæнæн препарат «Тамифлю»-йы ног партий, бæстæмæ цалдæр бонмæ æрласдзысты. Уыцы цауы, кæд æмæ бæстæйы сезонон гриппы вирусы дыккаг этап райдайдзæн, хосгæнæн медикаментты фæстауæрц 10 мин къоппæй баххæст уыдзæн.