Гуырдзыстоны фылдæр районты 20 июны онг  æнхъæлмæ кæсинаг у  къæвда
Гуырдзыстоны фылдæр районты 20 июны онг æнхъæлмæ кæсинаг у къæвда

 

Æрдзы националон агентады информацийæ,  17 июны боны дыккаг æрдæгæй,   20 июны  онг  Гуырдзыстоны  фылдæр районты  æнхъæлмæ кæсинаг у  кæъвда  арвнæрдимæ, ранæй-рæтты  тæркъæвда,  афтæдæр ихуард.

Синоптикты прогнозæй,  Гуырдзыстоны хохджын  æмæ уæлхох районты  æнхъæлмæ кæсинаг  фидар кæъвда  афтæдæр бæрзонд температруæйы фоныл,  ихуаттæ интенсивон  тайын гæнæн ис,  Гуырдзыстоны цæугæдæттыл   доны  бæрзæнды  нысаниуæгджын  рæзыт,  чысыл  цæугæдæттыл  донивылдтæ, æрмæст бæстæйы  уæлхох зонæты та  сыджытлæсæн-лæбырдты  процессты  сæвзæрд  расайа.