Гуырдзыстоны фыццаг телеалæвæрдæй 68 азы сæххæст ис.
1956 азы 30 декабры фыццаг телесигнал лæвæрд æрцыд фуникулёры æфцæгыл арæзт 40 метрон студийæ. Фыццаг телеуынынады куыста 26 кусæджы æмæ иу камерæ. Уæддæр чысыл студийы уавæрты телеуынынады алæвæрдты архайдтой ахæмтæ: Табидзе Галактион, Абашидзе Ираклий, Гришашвили Иосеб, Чикобава Арнольд, Леонидзе Гиоргий, Абашидзе Григол, Думбадзе Нодар, Лебанидзе Мурман, Нонешвили Иосеб, Каландадзе Ана æмæ æндæртæ. Афтæ ма зындгонд актертæ: Серго Закариадзе, Сесилия Такаишвили, Верико Анджапаридзе, Медея Джапаридзе æмæ æнд.
1957 азы Тбилисы стадион «Динамо»-йы цур фыццаг хатт арæзт æрцыд мобилон телеуынынад, æмæ уæдæй фæстæмæ системон æгъдауæй цыдысты футболон матчты комкоммæ репортажтæ. Фыццаг комментатортæ, Ероси Манджгаладзе æмæ Къоте Махарадзе стыр уарзондзинад райстой сценæмæкæсджытæй.
Гуырдзыстоны телеуынынады информацион службæ «Моамбе»-йы номæй арæзт æрцыд 1968 азы 4 январы. Уыцы аз Тбилисы райдыдтой колоритон телеуынынад, æмæ Гуырдзыстон бацыд уыцы бæстæты номхыгъдмæ, кæцытæн уыд колоритон телеуынынад.
Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы згъæр фонд хъахъхъæны уникалон рекордтæ, кæцытæн ис дунеон нысаниуæг.
2025-æм азы 100 азы сæххæст уыдзæн Гуырдзыстоны фыццаг эфирæй. Радио Гуырдзыстон, фыццаг Фæскавказы, райдыдта кусын 1925 азы.