Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналист Теона Манагадзе, хайад райста, метро «Руставелийы» инциденты бынатыл фæдæвзарæн мадзæлтты
Метростанцæ «Руставелийы» æрцæугæ инциденты тыххæй Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналист Теона Манагадзейы цауы бынатыл æрфарстой.
Фæдæвзарæг æмæ эксперт-криминалисттæ цæстæйфенæг журналистимæ иумæ метростанцæйы уыдысты. Цауы бынатыл фæдæвзарæн мадзæлттæ цæуынц.
Теона Манагадзе барадхъахъхъæнджытæн æрцæугæйы тыххæй деталонæй радзырдта. Ацы миниутты полицийы уыцы уæнгты æрфарст цæуы кæцытæм дæр знон метройы физикъонæй фæбыцæу сты.
Знон æхсæв метростанцæ «Руставелийы» дыууæ æвзонг нæлгоймагмæ балæбурдтой. Цалдæр нæлгоймаг сæм дзырдæй фæбыцæу ис. «ХЪустæгджын лæппутæ гуырдзиагæй хуынд ма хъуамæ уой зæгъгæйæ». – ацы ныхæстæ æвзонгтæн хъæр кодтой, кæцытæ æнхъæлцау сты музыканттæ. Фæстæдæр æвзонгтæм метройы рацæуæны балæбурдтой.
Æрцæугæйы йæхи цæстæй федта Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналист Теона Манагадзе æмæ айста видео. Теона Манагадзе фæдæвзарæн уагдоны рафарстыл знон æхсæв дæр уыдис.
Æрцæугæйы МХМ-ы хъуыддаг рæгъмæ рахаста хулигандзинады æмæ расон, религион, националон кæнæ этникон фыдзæрдæдзинады бынурыл æрцæугæ тыхмидзинады статитæй. Фактыл абон иу уæнгы æрцахстой.